Гимн ОсетииЗæрин хур йæ тынтæ нывæнды фæлмæн Нæ фыдæлты рагон уæзæгыл рæдауæй, Арвы бын калы фæрдыгау тæмæн Ирыстон йæ адæмты фарнæй.
Заманты тарæй æрттивы зынгау Дæ уидаг, нæ Ивгъуыд, нæ Абон, нæ Фидæн. Барвæс нæ куывдыл, Хуыцæутты Хуыцау, Уастырджи, рафæлгæс, Табу Дæхицæн.
Кад æмæ радимæ фидæнмæ кæс, Амондæй абузæд ронгау дæ цард. Амонд мысайнагау фидæнмæ хæсс, Дæ кæстæр дын басгуыхæд кард æмæ уарт.
Фæлтæрæй фæлтæрмæ фæцæуæд дæ фарн, Рын æмæ сонæй дæ хизæд хъысмæт. Хистæры намыс, кæстæры æхсар Хурау дын царды цырагъдарæг уæнт!